Уæрæсейаг æмæ белоруссаг богæлтты æппæтадæмон ерысты архайын бауагътой
TIP! Right-click and select "Save link as..." to download.
🤼Хъæбысхæсты дунеон иугонды æххæстгæнæн комитет уæрæсейаг æмæ белоруссаг богæлтты æппæтадæмон ерысты архайын бауагъта, æрмæст Олимпаг комитеты сæрмагонд амынддзинæдтæ хынцгæйæ.
💪Спортсментæ егъау чемпионатты афӕдзӕй фылдæр нæ уыдысты. Уый фæдыл ацы хъусынгæнинагмæ æппæтæй тынгдæр æнхъæлмæ кастысты.
🔥Тагъд райдайдзæн Европæйы чемпионат. Нæ фæсивæд æм сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц.