Dzen.ru Video Downloader

The easiest way to download Dzen.ru video, music, thumbnail without watermark or logo

irystontv

21 4 часа назад

Юрий æмæ Ангелина Асланиди иумæ цæрынц 50 азы

TIP! Right-click and select "Save link as..." to download.

Loading...
Асланиди бинонтæм — стыр бæрæгбон. Кæстæртæ æххуыс кæнынц фынг æвæрынмæ. Уазджыты ма сбуц кодтой хæдзарон сæнæфсирæй. Æнæ уымæй иунæг минас дæр нæ ацæуы.
Юрий æмæ Ангелинæ бæрæг кæнынц сызгъæрин чындзæхсæв. Иумæ цæрынц 50 азы. Ахæм цауы фæдыл дардæй ссыдысты Юрийы хотæ. Сæ фарсмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ сывæллæттæ æмæ хъæбулы хъæбултæ.
Юрий æмæ Ангелинæ цы бон базонгæ сты, уый хорз хъуыды кæнынц. Уый уыд 1970-æм азы. Уæд Юрий Хæххон-металлургон институты студент уыд, йæ хæлæрттимæ улæфыд сау денджызы был. Сфæнд кодта Новороссийскы йæ хæстæджытæм бацæуын. Уым федта Ангелинæйы.
Цалдæр азы дæргъы кæрæдзимæ фыстой фыстæджытæ. Уым кæрæдзийæн æргом кодтой се 'нкъарæнтæ, дзырдтой сæ хабæрттæ. Юрий йæхиуыл баууæндын кодта Ангелинæйы. 1974-æм азы скодтой чындзæхсæв. Фыццаг аз сæ цард уыд алæмæты аргъауы хуызæн.
Ангелинæ фидарæй зоны, хæдзары хъуамæ уа иу хицау — нæлгоймаг. Афтæ рауад Асланиди бинонты дæр. Фæлæ Юрий куыд зæгъы, афтæмæй хæдзаронты хъуыдытимæ дæр сразы вæййы.
Бинонты амонды сусæгдзинад у хуымæтæг, зæгъынц юбиляртæ. Уарзондзинад, быхсондзинад æмæ æмбаргæдзинад. Уыимæ, æнæмæнг кæрдзийы фарсмæ балæууынмæ алкæддæр цæттæ. Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт амайæг, грекъаг æхсæнад "Прометей"-ы сæрдар. Ацы аз Юрий Асланиди бæрæг кæны фæллойады 50 азы. Ангелинæ 30 азæй фылдæр разамынд дæтты адæмон кафты ансамблæн.
Асланиди бинонтæ дисы æфтауынц се 'мбæлттæ, æмкусджытæ æмæ сыхæгты.
Иумæйагæй зындзинæдты сæрты хизын, цин кæнын æхсызгон хабæрттыл. Кæрæдзийы уарзын æмæ аргъ кæнын суанг 50 азы фæстæ дæр. Юрий æмæ Ангелинæ сæ дæнцæгæй æвдисынц уарзондзинад æнусы сæрты дæр кæй нæ мынæг кæны.